Орбелианиты галуаны Саломэ Зурабишвилийы Нино Ломджариамæ фембæлд цæуы
Орбелианиты галуаны Гуырдзыстоны президент фембæлдис адæмон барты хъахъхъæнæг нио Ломджариаимæ.
Фембæлды размæ Ломджариа журналоисттимæ куыд загъта афтæмæй, президентимæ фæныхас кæндзæн фæстаг рæстæджы айтынггонд процессты фæдыл.
«Абон æрбацыдтæн Гуырдзыстоны президентмæ, кæцы у падзахады сæргълæууæг æмæ мæ фæнды мæ хъуыдытæ йын радзурон сырæзт уавæрмæ гæсгæйæ. Фæныхас кæнон йемæ фæдагуырды тыххæй. Куыд æй зонут афтæмæй, æнæиухатт сарызтон фидиуæн æмæ æркуырдтон МХМ æмæ прокуратурæйæ, райдайæт фæдагуырд организацигонд лæбурдтыты организаторты рабæрæг кæнынæн. Хъыгагæн уый абоны онг не рцыд. Фæнды мæ байхъусын цы хъуыды кæны йæхæдæг, уый нымæцы æдасдзинады æрдгæй дæр. Хъуыды кæнын,ц æмæй президент уыд иуæй-иу политик хицауадæй, кæцы зæгъæн ис раст æмæ адекватон аргълæвæрдтæ скодта куыд 5 июлы раззаг бонты,афтæ 5 июлы айтынггонд фæзындты фæдыл. Фæнды мæ базонын цы хъуыды кæны фæнды уыцы фидиуæнты тыххæй, кæцыты аразы хицауады сæргълæууæг.
Конкретонæй мæ месиджтæ уыдзысты ахæм, цæмæй зæгъон президентæн, цæмæн нымайын æнæрастыл уый, æмæ абоны онг нæй фæдагуырд тыхми архйдтыты организаторты ныхмæ, цæмæй алы бæловырдгæнæн уый амоны, æмæ МХМ æмæ прокуратурæ хъуамæ баинтерес уæд ацы æрдгæй, райдайæт фæдагуырн æмæ райдайæт барадон фæдыл зилын, дзуаппмæ раттæт ацы тыхмион лæбурдтыты идеологты æмæ организаторты» – райхъусын кодта Нино Ломджариа.