Оппозицион политикон партиты хай аразынц антиоккупацион совет.
«Националон Змæлды», «Лелойы», «Дроайы» уæнгтæ, абон оккупацион хаххгæрон хъæу Къирбалы сарызтой куырдиат æмæ архайадон планы тыххæй радзырдтой. Иугонд саразыны инициатор у антиоккупацион змæлд «Тых Иудзинады Ис».
«Ацы инициативæйæн ис конкретон архайадон план æмæ сæйраг приоритеттæ: информацион ифтонгад, политикон институцитимæ æмгуыстад, бынæттон цæрджыты барты хъахъхъæд, социалон фарстæты системон алыг, инициативæйы фарсхæцæг иумæйаг фонд саразын. Хицауады æрдгæй активон антиоккупацион æхсæнадæмон политикæ ауадзын, Женевæйы дискусситы æмæ æндæр æхсæнадæмон платформæты максималон активизаци Уæрæсейыл 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырды сыххæст кæнынæн хъæугæ æлхъывд самал кæнын, оккупацион хахх рахæцын маруадзын æмæ алы фактыл активон реагиркæнынад, Уæрæсейыл дипломатон, политикон æмæ экономикон аргъ бафидын кæнынæн. Оккупацийы хаххы дæргъмæ, оккупантты æрдгæй оккупацион хахх рахæцыны æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты скъæфты æмæ æндæр фыдракæндты проактивон превенцийы нысанæн, Гуырдзыстоны æдасдзинад рæвдзгæнæг структурæйы дислокацийы бынæтты æмæ сæрмагонд сконды æмæ сæ ифтонгады цырд рæзынад. Оккупацийы хаххы дæргъмæ цæрæг æмбæстæгтæн сæрмагонд статус бакусын, уыдонæн коммуналон фидинæгты, хъæууон хæдзарадон куыстыты æмæ фермерон хæдзарадыл субсидитæ рауæлдай кæныны, сæрмагонд солциалон æмæ экономикон æххуысы фæдыл закъондæттæн базæ бакусыны æмæ паддзахадон бюджетæй æмбæлгæ финансон æххуыс сифтонг кæнын. Уырыссаг пропагандайы ныхмæ активон æмæ бирæвæрсыг информаци кампани амал кæнын. Антиоккупацион æмæ Гуырдзыстоны националон интерестæм æмбæлон фарстæты æхсæнады иугонд æмæ консолидацигонд позици æрфидарæн къухаразын», – банысангонд у цалдæр оппозицион партийы фидиуæны.