Оппозицион партитæ Гиорги Гахариайы куыстуагъд æмæ æмгъуыдагъоммæ пропорцион парламентон æвзæрстытæ саразын домынц
«Лейбористон Партийы» æрымбырдуæвæг оппозицион иудзинæдтæ Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы куыстуæгъд æмæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ ауадзын домынц.
Фембæлды фæстæ «Ног Гуырдзыстоны» лидер Гиорги Вашадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, иумæйаг æркуырд у, цææмй æмгъуыдагхоммæ æвзæрстытæ пропорцион æгъдауæй рæстæгмæ хицауады уавæрты ацæуа.
Гиорги Вашадзе райхъусын кодта, цæмæй фæнысангонд æркуырдты сæххæст кæнынмæ æрцæуын хъавынц растдæр протестон акциты ф æрцы.
«Æмгъуыдагъоммæ пропорцион æвзæрстытæм ис конкретон процедурæтæ, æмæ нын уый фæдыл дæр уыд ныхас. Бидзина Иванишвили æнæ æрмæст кæронмæ рафтыдта йæхи, фæлæ ма нын нæ сæртыл ныппыскъуыл кодта конституци æмæ нæ æхсæрфарсы цæф фæкодта. Алкæцы æмбæстагмæ сидæм, рацæут, ныр райдаы æнæаскъуынгæ протестон процесс, кæцы уæлахиздзинадмæ хъуамæ бакæна Гуырдзыстон. Нæ намыс хъуамæ сæндидзын кæнæм»- банысан кодта Гиорги Вашадзе.