Оппозицийы минææрттæ Орбелианиты галуаны Гуырдзыстоны президентимæ фембæлдысты. Саломэ Зурабишвили абон индивидуалон фембæлдтæ ауагъдта парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы уæнгтмæ, Натиа Мезвришвилиимæ æмæ Анна Бучукуриимæ, «Лело»-ы уæнг Саломе Самадашвилиимæ æмæ афтæма Хатиа Деканоидзеимæ.
Оппозиционер депутатты фидиуæнæй, президент тыхджын мæсты у хицауады саботажæй æмæ йæ фæнды бацагуырдæуа фæндаг, цæмæй ма сыххæст уа уырыссаг бæллицц æмæ бæстæмæ лæвæрд уа кандидаты статус.
«Гуырдзыстоны президнт у тынг мæсты, æз куыд бамбæрстон ацы фембæлдыл, кæцы йæ инициативæйæ ацыд, мæсты у уыцы фактæй, ома иу æрдгæй уынæм, цæмæй Евроцæдис фактонæй нын загъта, канидидаты статус райсынæн Гуырдзыстонæн политикон фæндаг гом у, иннæ рдгæй та, Гуырдзыстоны абоны хицауад саботаж кæны кандидаты статус райсты процесс. Бæрæг у, ацы саботажы скæнæг æмæ иуæй-иу нысаниуæгджын хай у импичменты процесс, кæцыйы рйдыдта хицаугæнæг бал. Президенты фæнды бацагурыдæуа фæндаг, цæмæй ист амæлттæ сифтонг кæнæм уый æмæ нæкæсгæ абоны хицауады архайдмæ цæмæй кандидаты статус ма райсæм уый тыххæй алцыппæт аразынц, мах уæддæр бауырнын кæнæм Евроцæдис, цæмæй уырыссаг бæллиц ма сыххæст уа æмæ бæстæмæ лæвæрд уа кандидаты статус», – райхъусын кодта Саломе Самадашвили.