Оппозицийы минæвæрттæ парламенты сæрдары бынат бацахстой æмæ трибунæйæ райтыгъдтой Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы тырысатæ
Гуырдзыстоны парламенты рабадты залы оппозицийы минæвæрттæ парламенты сæрдары бынат бацахстой æмæ трибунæйæ райтыгъдтой Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы тырысатæ.
Оппозицийы минæвæртты дзырдæй, парламенты сæрдарæн нæ ратдзысты фадат, закондæттæг органы абон рабадт ауадзын.
«Абон парламент хъуамæ фæуынаффæ кæна депутатты этикæйы кодексыл. Нæ марды сæрты йæ фæнды ахизын æмæ этикæйы кодексыл тæрхон кæнын райдаын. Гротеск. Нæ сын ратдзыстæм рабадт байгом кæныны фадат», – райхъусын кодта Анна Нацвлишвили.
Бакйо уын кæндзыстæм, цалдæр минуты размæ медиаорганизациты æмæ æмбæстагон секторы минæвæрттæ рабадты залмæ баирвæзтысты. Уыдонимæ иумæ сты оппозицион партиты минæвæрттæ дæр.