Оппозицийы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй сыхы æвзарæнон комисситы уæнгты æвзæрст цæуы закъон халгæйæ
Хъæлæба уыд Мтацъминдайы зылды æвзарæнон комиссийы, цы ран оппозицион партийы минæвæрттæ рабадтмæ с æбауадзын куырдтой. Бынатыл уыдысты парти «Уæлахиздзау Гуырдзыстоны» уæнг гурам Чалагашвили, «Националон Змæлды» иуæй-иу лидер Тина Бокучава, афтæма «Иугонд Гуырдзыстоны» уæнг Анзор Бицъадзе.
Сæ фидиуæнæй, сыхы æвзарæнон комиссийы уæнгты æвзæрст цæуы фæткæвæрд састæй æмæ номхыгъды сты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ æргом фарсхæцджытæ сты хицауадæню. Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ, адон сты скъолаты æмæ рæвдауæндæтты педагогтæ.
«Мах ардæм æрбацыдыстæм хуымæтæг æфсонæн, цæмæй ма бауагъдтаиккам партион кадрты цæвиттон нейтралон уæнгтæй снысан кæнын сыхы æвзарæнон комисситы. Ацы адæймагæн, комиссийы сæрдар Гиорги Зиракишвилийæн, цæй зæгъын æй хъæуы нæй дзуапп фарстыл, æмбæхсгæ кæны, уымæн æмæ дзæбæх æмбары, закъон кæй халы уый.
Хъусынк æнæм Цæк-ы сæрдарæн, ацы адæймаг халы уый нымæцы Цæк-ы сæрдары бардзырд, цæмæй йæм ис дискрецион бар, ратта пропусктæ. Рабадт у æргом, уырдæм алкæмæн йæ бон у бацæуын. Нæ фарстытæ уыд тынг æнцон æмæ закъонон, цæмæн нысан кæнынц партион активты нейтралон позицитæм. Уый бар сын нæ ратдзыстæм иунæг фадыгыл дæр, уымæн æмæ ацы æвзæрстытæ хъуамæ уа рæстаг æмæ закъонон» – райхъусын кодта Бокучава.
Оппозицион партиты минæвæртты абоны рабадтмæ нæ бауагъдтой уый æфсонæн, цыма сæм нæ уыд рабадты хайад райсынæн хъæугæ аккредитаци.