Оппозицийы  минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй  сыхы  æвзарæнон комисситы  уæнгты æвзæрст цæуы закъон халгæйæ
Оппозицийы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй сыхы æвзарæнон комисситы уæнгты æвзæрст цæуы закъон халгæйæ

Хъæлæба уыд  Мтацъминдайы  зылды  æвзарæнон   комиссийы, цы ран оппозицион   партийы минæвæрттæ  рабадтмæ с æбауадзын куырдтой.  Бынатыл уыдысты   парти «Уæлахиздзау Гуырдзыстоны» уæнг гурам  Чалагашвили, «Националон  Змæлды» иуæй-иу  лидер Тина  Бокучава, афтæма  «Иугонд Гуырдзыстоны» уæнг Анзор  Бицъадзе.

Сæ фидиуæнæй,  сыхы  æвзарæнон  комиссийы  уæнгты æвзæрст  цæуы фæткæвæрд састæй  æмæ номхыгъды  сты  ахæм адæймæгтæ,  кæцытæ  æргом  фарсхæцджытæ сты  хицауадæню. Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ,    адон сты  скъолаты  æмæ  рæвдауæндæтты   педагогтæ.

«Мах   ардæм æрбацыдыстæм  хуымæтæг  æфсонæн, цæмæй  ма бауагъдтаиккам   партион  кадрты  цæвиттон  нейтралон   уæнгтæй  снысан кæнын сыхы æвзарæнон  комисситы. Ацы адæймагæн, комиссийы  сæрдар Гиорги Зиракишвилийæн, цæй зæгъын æй хъæуы  нæй  дзуапп фарстыл, æмбæхсгæ кæны, уымæн æмæ дзæбæх  æмбары, закъон кæй  халы  уый.

Хъусынк æнæм Цæк-ы сæрдарæн, ацы адæймаг халы  уый  нымæцы Цæк-ы  сæрдары  бардзырд,  цæмæй  йæм  ис дискрецион бар, ратта  пропусктæ.  Рабадт у æргом, уырдæм алкæмæн йæ бон у бацæуын.  Нæ фарстытæ  уыд  тынг æнцон  æмæ  закъонон, цæмæн нысан кæнынц   партион активты  нейтралон позицитæм.  Уый бар сын нæ ратдзыстæм иунæг  фадыгыл дæр, уымæн æмæ ацы æвзæрстытæ  хъуамæ  уа  рæстаг  æмæ закъонон» –  райхъусын кодта  Бокучава.

Оппозицион партиты  минæвæртты абоны рабадтмæ нæ бауагъдтой  уый æфсонæн, цыма  сæм нæ  уыд  рабадты хайад райсынæн  хъæугæ  аккредитаци.