Оппозици æмæ йæ фарсхæцджытæ Тбилисы 25 ноябры протестон акцийы ауадзын, 26 та, парламентыл пикеттæ скæнын хъавынц
Тбилисы 25 ноябры протестон акци, 26 ноябры та, парламенты пикетирдзинад план кæны – оппозицийы æмæ акцийы организаторты фидæнон плæнтты тыххæй фидиуæнтæ парламенты раз цæугæ акцийыл сырæзт.
Акцийы иуæй-иу организатор Шота Дигъмелашвили æркуырдтыл ноджы иу хатт фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ пропорцион æвзæрстытæ сты æнæфевгъуыйгæ æнæмæнгхъæуындзинад.
Оппозицийы плæнтты тыххæй акцийы фæныхас кодта Гиорги Гугава.
«Фæцис фадат оппозицион форматы номæй райхъусын кæнон абон цы архайадон планыл баныхас кодтам уый тыххæй. Къуырисæры авд сахатыл æмбырд кæнæм Республикæйы фæзыл, ацæудзæн егъаумасштабон цыд Руставелийы æрдæм æмæ та фæстæмæ æрцæудзæн парламенты пикетирдзинад. Нæ архæйдтытæ уыдзысты принципон, æнæфæцудгæ, уыдзысты конструкцион, закъонон, уыдонæй хъауджыйæ. Мах сæ тыхыбын бакæндзыстæм, цæмæй ацы хицауад сабырадон, рæстаг, пропорцион æвзæрстытæй фæуа ацы бæстæйы. Ацы рæстæджы, æрвылбойнонæй къуырисæры онг цæудзысты тынг карз акцитæ, пикеттæ, администрацион бæстыхæйттыл, мах сын æнæбафæразгæ куыд бауой уыцы уавæр хъуамæ скæнæм, цæмæй тыхбын бауой, гуырдзиаг адæмы фæндæн бакоммæ кæсын æмæ ацы бæстæйæ аддæдуар уын» – райхъусын кодта Гиорги Гугава, кæцыйы ныхæстæм гæсгæ дæр, акцийы хайадисджытæ дыццæджы депутаттæн сесси ауадзыны фадат дæр нæ ратдзысты.