Онкологион пациенттæн уæлбарджын аргъæй хоскæныны нысанæй, цалдæр бæстæимæ бадзырдтæ ауадзын план кæны
Æнæнизхъахъхъæды министрад рацыд инициативæйæ, уæлбарджын аргъæй схоскæныны нысанæй, æрнызас кæна уыцы паддзахадтимæ, кæцы рæтты дæр онкологион низтæн хоскæныны нысанæй, Гуырдзыстонæй сеппæтæй фылдæр адæймаг ныццæуы, – уый фæдыл окупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон ифтонгад хъахъхъæды министртæм кандидат, Экатерине Тъикъаралдзе, парламенты комитеты иугонд рабадтыл райхъусын кодта.
«Уымæн, цæмæй æгæр стыр у æмбæстæгты миграци хоскæныны нысанæй, уагдон бацархайдзæн, бæстæтимæ, кæцытæм дæр бæрзонд у Гуырдзыстоны æмбæстæгты миграци, паддзахадон æмвзадыл ауадза бадзырдтæ, цæмæй паценттæн уæлбарджын аргъæй схос кæной уыцы периоды онг, цалынмæ Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды системæ бахъом уыдзæн уыдонæн æмбæлон стандартты æмæ гъæды хоскæнын рæувадаст кæнын», – райхъусын кодта министртæм кандидат.