Онкологион пациенттæн медикаментты балæвæрды æнæаскъуынгæ рæхысы сæнæмæт кæнынæн,æнæнизхъахъхъæдыт министрады ацыд фембæлд
Онкологион пациенттæн медикаментты ифтонгады æнæаскуынгæ рæхыс сæнæмæт кæнынæн æнæнизхъахъхъæды министрады радон фембæлд ацыд. Информацийы хъусын кæны æнæнизхъахъхъæды министрад.
Афтæма сæ хъусинагæй, министр Михеил Сарджвеадзе сферæй специадисттимæ, онкологтимæ, фармацевтон секторы æмæпациентты организациты минæвæрттимæ фембæлдис.
«Фарсытæ медикаментты фæстауæрцыл фæуынаффæ кодтой. Кусæн къорд пациенттæн медикаментты æмæ сервисты райсты фæенцондæры фæндæгтыл бакусдзæн. Процессы баст уыдзысты, клиникæтæ, медикаментты импортертæ æмæ дистрибютор компанитæ.
Ауæрæхгонд фембæлдыл фарсытæ уыцы ногдзинад дæр æркастысты, кæцы онкологион диагноз кæмæн ис ахæм пациенттæн программон медикаментты алæвæрд дары йæ хъуыдыйы. Фæнысан ис, цæмæй ивддзинад æввахс периоды скусдзæн æмæ æваст фæхуыздæр кæндзæн пациенттæн рæувадатдзинад бæрзонд гъæды хоскæныныл.
Фембæлдыл уыдысты æнæнизхъахъхъæды министры фыццаг хæдивæг Тамар Габуниа, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон фарстаты комитеты сæрдар Заза Ломинадзе, комитеты уæнгтæ Ирма Заврадашвили æмæ Рима Беридзе, æнæнизхъахъхъæды министрады æмæ æнæниздзинады националон агентады минæвæрттæ», – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады информацийы.