Онкологион пациенттæн хоскæныны программæ  райрæздзæн
Онкологион пациенттæн хоскæныны программæ райрæздзæн

Бæстæйы  æнæнизхъахъхъæды  сервисты рæувадатдзинады рдгæй  нырмадæр проблематон кæй  у, уый тыххæй, мах   райрæзын кæндзыстæм  онкологион   паиценттæн   хоскæныæн æххуыс –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны   премьер-министр  Гиорги Гахариа,  хицауады  абоны  рабадтыл   райхъусын кодта.

«Ахсджиаг фарста, кæцыйыл хъуамæ фæуынаффæ кæнæм,  у  æнæнизхъахъхъæды  мнистрады  ног инициативæ –  онкологион  паиценттæн  хоскæныны   рæувадат  куыд уа, уыцы фадæттæ райрæзын кæнын.  Онкологион низты хоскæныны цыппæрæм этап  уыд  проблемæ, кæцы рæстæджы  низ раргом  кæныны цауы,   хоскæнынæн  бæрæг  этапыл сæхæдæг  хъуамæ  фыстаиккой.  Уырнæг дæн, райсдзыстæм  скуыдзаг   программæйы финансдзинад фæйнæ пациентæн  аст мин ларийæ  райрæзын кæныны фæдыл. Алкæцы æмбæстагæн, кæцы  ахæм уæззау  низимæ тох кæны,  уыдзæн фадат хоскæныны æххæст курс  ацæуа афтæ,  йæ ма бахъæуа  йæхи дзиппæй финансдзинад», –  райхъусын кодта Гахариа.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,  абон Гуырдзыстоны 1972  æмбæстаг фæлхас кæнынц  ацы  программæйæ  æмæ  ацы адæймæгтæн, уый уыдзæн  иттæг нысаниуæгджын æххуыс  паддзахады æрдгæй.