Онкологион диагноз кæмæн ис уыцы сывæллæттæн фæсарæты хоскæнынæн куырдиæтты райст райдыдта
Онкологион диагноз кæмæн ис ахæм сабитæн схоскæнынæн паддзахадон финансдзинады райсынæн куырдиæтты райст райдыдта. Информаци, фæллойады, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министрад хъусын кæны.
«Программæйы партнер клоиникæтæ сты: Турчы «Анадолуйы медицинон центр», Испанийы «Кирон Салуды медицинон центр» æмæ Израилы «Ихиловы медицинон центр». Пакетæй ма æмбæлы диагностикæ æмæ стандартон хсокæнны курс: химиотерапий, радиацион терапи, операцитæ. Афтæма – протонотерапи, пациенты хъæуындзинæдтæм æмбæлгæйæ.
Программæйы бенефициар гæнæн ис уа 18 азы онг кары, онкологион диагноз кæмæн ис (низы æхсæнадæмон классификацийы (ICD) кодимæ) ахæм уæнг.
Пациентты райуæрст цæудзæн клиникæты сæ индивидуалон хъæуындзинæдты, клиникæйы фадæтты æмæ пациенты бинонты æвзæрстмæ гæсгæйæ. Программæйы фæдыл деталон информаци райсын гæнæн ис æнæнизхъахъхъæды министрады тæвд хаххы фæрцы – 15 05.
Фæсарæнты хоскæныны программæ хизгæ этап у Гуырдзыстоны, нырыккон стандартты, бæрзондтехнологион аппаратурæйæ ифтонггонд сабион онкологион паддзахадон центыр абйгомы онг, кæцыйы иу тыгъдады, медицинон сервисты æххæст пакет райсын уыдзæн рæувадат. Ацы æрдгæй æнæнизхъахъхъæды министрад активон куыстытæ æххæст кæны», – банысангонд у лигъдæтты, фæллойады æмæ социалон хъахъхъæды министрады информацийы.