Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæлойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министры Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, æппæтон æнæнизхъахъхъæды программæйы нысаниуæгджын ивддзинæдтæ сыххæст ис, кæцыты фæстиуæгæн ракæй рынчын пациенттын хос кæнын сфинанс кæндзæн паддзахад.
«Иттæг нысаниуæгджын реформæ ауагъдтам онкологион низтæй рынчынтæн хос кæнын рæувадат скæныны нысанæн, кæцыйы фæлгæтты онко-пациенттæн хоскæнын ссис æнæфидгæ. Алы пациентыл рауæлдайгонд афæдзон бюджет райрæзтис 8000 ларийæ, кæцыйы фæстиуæгæн, дзыиппæй фидинæгтæ 25 милуан ларийæ фæкъаддæр сты», – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.