Онийы мэр хуъсын кæны, цæмæй Шовæй æмбæстæгты эвакуаци   райдыдта
Онийы мэр хуъсын кæны, цæмæй Шовæй æмбæстæгты эвакуаци райдыдта

Онийы  мэр,  Серго Хидешелийы  информацийæ,  Шовæй  æмбæстæгты  эвакуаци райдыдта.  Хидешели  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн  куыд фехъусын кодта афтæмæй,    æхсæвмæ  æмбæстæгты  æдас бынатмæ  аргъæвын хъуамæ  бантыса.

Афтæма  йæ дзырдæй,   зæгъгæ стихийы  фæстиуæгæн    скуынæг  ис  цалдæр коттедж, фæлæ  йæм нæй  информаци  уыдысты æви нæ ацы  коттеджты  æмбæстæгтæ.

«Æнхъæлцау,   хæхты   цæугæдæттæ  сцад сты, кæцы  сыджытлæсæнон  процесстæ расайдта. Æрдзытыхон азар  у  масштабон. Фыццаг  этапыл нысаниуæгджын у  æмбæстæгты  æдасдзинад æмæ ууыл бакой кæнын.  Нырид  бынатыл ис хæрдмæтæхæг æмæ  райдыдта æмæстæгты  эвакуаци.  Мæ  хъуыдымæ  гæсгæ,  бантысдзæнис нын  ацы уавæрты  баталынгмæ  æмбæстæгты ракæнын æдас бынатмæ.  Цалдæр  котеджы  ахаста  стихий, фæлæ  уыдысты æви нæ  уыцы  коттеджты  æмбæстæгтæ, уый  зæгъын  мæ бон нæу.   Бынатыл  мобилизацигонд сты  æмбæлгæ   куыстытæ, сæ  нымæцы   ирвæзынгæнæн  куысты  къухдариуæггæнæг, ирвæзынгæнæг куысты кусджытæ,   арæйнон пъæлицæйы  кусджытæ, МХМ-ы хайадтæ.   Муниципалитеты  мэриайы  бакой кæндзæн æмбæстæгты  æрцæрын кæныныл, фыццаг  этапыл горæт Онийы  территорийыл уæвæг æндæр æмæ æндæр фысымуатты», – райхъусын кодта  Хидешели.