Онийы мэр, Серго Хидешелийы информацийæ, Шовæй æмбæстæгты эвакуаци райдыдта. Хидешели Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, æхсæвмæ æмбæстæгты æдас бынатмæ аргъæвын хъуамæ бантыса.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ стихийы фæстиуæгæн скуынæг ис цалдæр коттедж, фæлæ йæм нæй информаци уыдысты æви нæ ацы коттеджты æмбæстæгтæ.
«Æнхъæлцау, хæхты цæугæдæттæ сцад сты, кæцы сыджытлæсæнон процесстæ расайдта. Æрдзытыхон азар у масштабон. Фыццаг этапыл нысаниуæгджын у æмбæстæгты æдасдзинад æмæ ууыл бакой кæнын. Нырид бынатыл ис хæрдмæтæхæг æмæ райдыдта æмæстæгты эвакуаци. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, бантысдзæнис нын ацы уавæрты баталынгмæ æмбæстæгты ракæнын æдас бынатмæ. Цалдæр котеджы ахаста стихий, фæлæ уыдысты æви нæ уыцы коттеджты æмбæстæгтæ, уый зæгъын мæ бон нæу. Бынатыл мобилизацигонд сты æмбæлгæ куыстытæ, сæ нымæцы ирвæзынгæнæн куысты къухдариуæггæнæг, ирвæзынгæнæг куысты кусджытæ, арæйнон пъæлицæйы кусджытæ, МХМ-ы хайадтæ. Муниципалитеты мэриайы бакой кæндзæн æмбæстæгты æрцæрын кæныныл, фыццаг этапыл горæт Онийы территорийыл уæвæг æндæр æмæ æндæр фысымуатты», – райхъусын кодта Хидешели.