Оливер Вархей - Гуырдзыстонæн скуыддзаггæнæг нысаниуæгджын у, сбæлвырд кæна Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ иузæрдыгдзинад, Евроцæдис цæттæ у сæ размæ рацæуа ног уæнг бæстæтæн æввахс азты
Гуырдзыстонæн скуыддзаггæнæг нысаниуæгджын у, сбæлвырд кæна Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ иузæрдыгдзинад æмæ Евроцæдисы фæндагыл размæ рацæуа – уый фæдыл ауæрæхы фарстаты Еврокомиссар Оливер Вархей райхъусын кодта.
Вархейы дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдис цæттæ у ауæрæхмæ æмæ цæттæ у, ног уæнгты райсынмæ æввахс азты.
«Ивгъуыд мæйты æмæ азты дæргъы мах райстам историон уынаффæтæ æмæ сæрыстыр дæн комиссийы æнтыстæй ауæрæхы æрдгæй, уымæн æмæ уый æцæгдæр тæлмæнгæнæг у. Райстам цыппар ног куырдиат организацийы уæнгдзинады фæдыл. Ацы бæстæтæ сты Украинæ, Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ Коссово. Кандидаты статус лæвæрд уыд Украинæйæн, Молдовæйæн, Гуырдзстонæн æмæ Босни-Герцоговинæйæн. Гуырдзыстонæн скуыддзаггæнæг нысаниуæгджын у, сбæлвырд кæна Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ иузæрдыгдзинад æмæ Евроцæдисы фæндагыл размæ рацæуа. Кандидаттæ æмæ потенцион кандидаттæ хъуамæ равдисой æххæст иузæрдыгдзинад реформæты сыххæсты æрдгæй. Параллелонæй, афтæдæр хъуамæ сифтонг кæнæм, цæмæй ауæрæхы политикæ баззайа æууæнкаг, прогноз саразын гæнæн цæмæн ис ахæм, динамикон. Евроцæдис цæттæ у ауæрæхмæ æмæ цæттæ у сæ размæ рацæуа ног уæнг бæстæтæн æввахс азты», – райхъусын кодта Вархей.