Оливер Вархей - Европæйы лæмæгъ ран у хъуыддаг энергоресурстæй ифтонгадмæ куы æрцæуы уый, Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн электроэнергийы кабелы проекты фæрцы фæкаддæр уыдзæн регионы лæмæгъдзинад
Европæйы лæмæгъ ран у хъуыддаг энергоресурстæй ифтонгадмæ куы æрцæуы уый, Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн электроэнергийы кабелы проект фæкаддæр кæндзæн регионы лæмæгъдзинад, – уый фæдыл Евроцæдисы сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархей Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн электроэнегрийы кабелы проекты финансдзинады темæйыл комментарийы рæстæджы журналисттæн загъта.
Вархейы фидиуæнæй, электроэнергийы кабелы проект нысаниуæгджын у æнæрмæст хурыскæсæн партнертæн, фæлæ ма æгас хуссары сыхæн.
«Фыццаджы дæр мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй кризистæ æвзæрын кæнынц ног фадæттæ æмæ нæ фæнды ацы ног фадæттæй спайда кæнын. Электроэнергийы кабелы проект уыдзæн тынг нысаниугджын алкæмæн. Ацы план нысаниуæгджын у æнæрмæст хурыскæсæн партнертæн, фæлæ ма хуссары нæ сыхæн иууылдæр. Европæйы лæмæгъ ран у хъуыддаг энергоресурстæй ифтонгадмæ куы æрцæуы уый, æмæ ацы рæстæджы Хуссар Кавказæн йæ бон у цъæх энергий бадæттын Европæмæ. Уый фæкъаддæр кæндзæн нæ лæмæгъдзинад. Ацы проектæй фæкаддæр кæндзæн регионы лæмæгъдзинад, уымæн æмæ иу кæнæм сæйраг инфраструктурæ. Нæ бон у кæрæдзийæн баххуыс кæнын. Экономикон æмæ инвестицион 17 миллиарды аргъы планы нысаниуæгджын хай у бастдзинад. Фæнды нæ Сау Денджызы бастдзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ æнæрмæст энергоресурсты рдгæй, фæлæ ма хъуыды кæнæм интернетыл æмæ транспортыл дæр. Хъæуы нæ ног инвестицитæ, ног маршруттæ æмæ уый ахъаззаг уыдзæн хуссар Кавказы стабилондзинадæн, хурыскæсæн партнерады инициативæйы хайадисæг бæстæтæн æмæ Евроцæдисæн дæр», – райхъусын кодта Оливер Вархей.