Олег Николенко - уырнæг стæм, цæмæй гуырдзиаг политикты фидиуæнтæ нæ банкъуысын кæндзысты украинаг æмæ гуырдзиаг адæмты фидар, хæларон ахастытæ
Уырнæг стæм, цæмæй гуырдзиаг политикты фидуиæнтæ нæ банкъуысын кæндзысты украинаг æмæ гуырдзиаг адæмты фидар, хæлар ахастытæ, – уый фæдыл Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвар, Олег Николенко ныффыста социалон хызаджы.
«Ивгъуыд бонты дæргъы премьер-министр æмæ Гуырдзыстоны парламенты къухдариуæгад фыдзæрдæ фидиуæнтæ сарызтой. Уæрæсейы пропагандæйы тезисты зæгъæн ис иттæг дæсны фæлхатгæнгæйæ, Гуырдзыстоны хицауад Украинайы фæзылынджын кодта Гуырдзыстоны паддзахадон фæфæлдæхты æрцæттæйы, Уæрæсейыимæ хæстмæ баласыны, æмбæстагон хæсты сцырын кæнынæн тыхтæ рарвитыны. Категорион нæзагъд кæнæм ацы инсинуацитыл, кæцытæн ницы иумæйаг ис реалондзинадимæ.
Гуырдзыстоны хицауад, знæгтæ кæм сты, уым сæ нæ агуры. Уырнæг стæм, цæмæй гуырдзиаг политикты фидиуæнтæ нæ банкъуысын кæндзысты украинаг æмæ гуырдзиаг адæмы фидар, хæларон ахастытæ. Тынг аргъ кæнæм гуырдзиæгты фарсдарынæн, Украинайы куы хæцынц хæдбардзинадæн. Йæхиæрдгæй Украина уыдис æмæ баззайдзæн гуырдзиаг адæмы хæлар, кæцыйæн нæ зæрдæ зæгъы ма фæлæууа Европаг фидæны арæзтады æрдгæй», – фыссы Олег Николенко.