Олаф Шольц – нысаниуæгджын у бахъахъхъæнæм уый, кæцы æндæртæн баныфсвæрдтам, уый хауы куыд ныгуылæн Балканты бæстæтæм, афтæ дæр Молдова, Украина æмæ хъуыды кæнын Гуырдзыстонмæ дæр, мах стæм сæ партнертæ
Олаф Шольц – нысаниуæгджын у бахъахъхъæнæм уый, кæцы æндæртæн баныфсвæрдтам, уый хауы куыд ныгуылæн Балканты бæстæтæм, афтæ дæр Молдова, Украина æмæ хъуыды кæнын Гуырдзыстонмæ дæр, мах стæм сæ партнертæ

Нысаниуæгджын у бахъахъхъæнæм уый, кæцы æндæртæн баныфсвæрдтам, уый хауы куыд ныгуылæн Балканты бæстæтæм, афтæ дæр Молдова, Украина æмæ хъуыды кæнын Гуырдзыстонмæ дæр, мах стæм сæ партнертæ.

Уый фæдыл Германийы канцлер, Испанийы социалистты конгрессыл, ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис.

Германийы канцлеры ныхасмæ гæсгæ, нысаниуæгджын у уыцы бæстæтæн æххуыс, цæмæй сæ бон суа европон бинонтæм бацæуын.

Шольц афтæ дæр фæныхас кодта Украинайы ныхмæ Уæрæсейы хæстыл дæр.

«Арæнты тыхы спайдайæ фæивын мауал хъуамæ уа Европайы реалондзинады хай æмæ Украинайы ныхмæ æххæстгонд агресийæ. Уæрæсейы лидер аскъуыддзаг кодта фæива уыцы бадзырд, тох кæна æндæр бæстæты ныхмæ æмæ бахъава уыдоны территори Уæрæсейы бын бакæнын. Махæн уый æнæрайсгæ у æмæ хъуамæ реакци бавдисæм ацы политикайы ивæндзинадыл. Уый нысан кæны Украинайы фарсылхæцындзинад æмæ сæрмагонд бæстæйы хъахъхъæд. Путин ма хъуамæ фæуæлахиз уа, фæлæ афтæ дæр нысаниуæгджын у адаргъ кæнæм уыцы хæслæвæрдты фæдыл, кæцытæ баныфсвæрдтам æндæртæн, уæлдайдæр та Балкъаны бæстæтæн, кæцытæ райстой хæслæвæрд, цæмæй суыдзысты Евроцæдисы хай 20 азы размæ. Уый хауы афтæ дæр Молдова, Украина æмæ хъуыды кæнын Гуырдзыстонмæ дæр, мах стæм сæ партнертæ», – расидтис Шольц.