Олаф Шольц хъусын кæны,цæмæй Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ  æмæ Балканты  бæстæтæ фæстагмæ  хъуамæ  баиу уой  Евроцæдисмæ
Олаф Шольц хъусын кæны,цæмæй Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Балканты бæстæтæ фæстагмæ хъуамæ баиу уой Евроцæдисмæ

Олаф Шольц  хъусын кæны, цæмæй Германи  йæ фарс хæцы  Евроцæдисы  ауæрæх кæныны идеяйæн  æмæ  экономикон   блокъмæ  Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы райсынæн.  «Ройтеры»  хъусинагæй,   фæнысангонды  фæдыл Германи  канцлерПрагæйы  университеты  дзырдæй ралæуды  рæстæджы райхъусын кодта.

Дзырдæй  ралæуды рæстæджы лаф  Шольц  банысан кодта, цæмæй  фылдæрты хъæлæскæнынмæ  ахызт  экономикон блдокы  ауæрæх кæныны иуæй-иу бындур  у.  Уый сбæлвырд кодта  Евроцæдисы  ауæрæхы æрдгæй Германийы  фарсхæцын æмæ  хаххгондæй банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон, Украина, Молдовæ æмæ Балканты бæстæтæ, фæстагмæ  хъуамæ баиу уой Евроцæдисмæ.

«Фæлæ, ацы ауæрæхгонд цæдисы, уæнг бæстæты æхсæн  хъауджыдзинад   сырæздзæн политикон  инетерсты,  экономикон  æндæвдады æмæ социалон   æдасдзинады системæты сифтонг кæныны æрдгæй. Абон æмуддзинад кæм хæъуы,  индивидуалон бæстæты æрдгæй  ветойы барæй  спайдайы  æмæ иннæ  уæнг бæстæты размæцыд куылмпы кæныны  риск  рæзы  алы  уæлæмхас  бæстæ райсты рæстæджы.  Уый тыххæй,  æз бавдыстон   иумæйаг  æддагон   политикæйы фылдæрты хъæлæскæнынмæ массивон ахизын, афтæ куыд æндæр  сферæты, цахæм дæр у  фидинæгты  политикæ», –  райхъусын кодта Олаф Шольц.