Оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æхсæз æмбæстаг сæрибар сты
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Гуры муниципалитеты хъæу Меджврисхевийы цур территорийыл æнæзакъононæй Гуырдызстоны æхсæз æмбæстагы куы æрцахстой уыдон нырид сæрибар сты æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл сты – информаци уый фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст публикаци кæны.
«Æнæзаконон æрцахсты фæдыл информаци æнæаргъвгæйæ фæактивон кодтам «тæвд хахх» æмæ скусын кодта централон хицауады къухты уæвæг алы механизм. Информаци фехъусын кодтам Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæ æмæ нæ æхсæнадæмон партнертæн. Фæнысангонд процесмæ баиу ис Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг мисси ((EUMM)», – дзырдæуы ПÆК-ы информацийы.
Паддзахадон æдадсзинады куысты банысан кодтой, цæмæй оккупацигонд Гуырдзыстоны и регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхтыл.
«Централон хицауад, æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, дарддæр кæны активон кусын оккупацигонд территоритыл æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.