Оккупацигонд территоритæй студенттæм лæвæрд æрцыд Димитри Гулиа æмæ Хетæггаты Къостайы номыл стипендитæ
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады ф арстаты паддзахадон министр, Кетеван Цихелашвили, ахуырады, зонынады, культурæйы æмæ спорты министры хæдивæгимæ, Иринэ Абуладзеимæ иумæ, оккупацигонд территоритæй æнтыстджын студенттæн, Димитри Гулиа æмæ Хетæггаты Къостайы номыл стипендитæ алæвæрдта.
СТипенди, кæцы паддзахадлон министры инициативæйæ æмæ ахуырады, зонынады, културæйы æмæ спорты минстрады æххуысæй ацы аз фыццаг хатт æрцыд бындурæвæрд, уыдзæн студенттæн оокупацигонд территоритæй, кæцытæ иууон националон фæлварæнтыл, æнæкæсгæ бирæ проблемæтæм, сеппæтæй хуыздæр фæстиуджытæ сфиксир кодтой æмæ сеппæтæй фылдæр баллтæ æрымбырд кодтой.
Ацы аз уый лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны техникъон университеты фыццаг къурсы студентæн, Гиорги Циколиа æмæ Кавказы æхсæнадæмон университеты студент, Робизон Илуридземæ. Уыдон сты оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионæй. Студенттæ стипендийы хуызæй исдзысты 300 ларийы, иу ахуырадон азы дæргъы, æрвылмæйонæй.
«Махмæ ис сабырадон инициативæ «Каъхдзæф хуыздæр фидæны æрдæм» кæцыйы стыр хай растдæр бæрзонд гъæды ахуыр æнцонвадат скæныны æрдæм. Уырнæг дæн, ацы конкретон къахдзæф уыдзæн иуæй-иу уæлæмхас стимул, цæмæй æвзонгтæ ноджы стырдæр академион æнтыстытæ райсæт. Нæ фæндаг дæр растдæр уый у – фылдæр ахуыраæй, фылдæр райтынгæй, тынг нысантырнæн æмæ конкретон къахдзæфтæй йæ ныхмæ слæууæм оккупацийæн, кæцыйы æнæмæнгæй бастæдзыстæм» – райхъусын кодта Кетеван Цихелашвили.
Иуæй-иу стипендианты Робизон Илуридзейы дзырдæй, стипенди уымæн уыдзæн уæлæмхас мотиваци, цæмæй хуыздæр ахуыр кæна æмæ хуыздæр фæстиуджытæм баххæсса.
Студенттæн стипендитæ Димитри Гулиайы райгуырдæй 145 азы æмæ фыццаг абхазаг мыхуыр медийы бындурæвæрды 100 азы юбилеймæ гæсгæ æрцыдысты лæвæрд.
Димитри Гулиа абхазаг фыссæг, абхазаг литературæйы бындурæвæрæг, Абхазы адæмон поэт æмæ ССРЦ-ы IV-V æрсидты бæрзонддæр советы депутат уыд. Хетæггаты Къоста та, нымадмæ ист у куыд ирон литературæйы сегасæй сгуыхт дæр минæвар, поэт, æхсæнадон архайæг, рухстауæг æмæ нывгæнæг.