Оккупацигонд территоритæй æнтыстджын студенттæм лæвæрд æрцыд, Димитри Гулиайы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл стипендитæ [фото]
Æнтыстджын студенттæн оккупацигонд территоритæй, Димитри Гулиайы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл стипендитæ æрцыд лæвæрд.
Стипендитæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры хæдивæг Лиа Гигаури уыцы студенттæн ратта. Кæцытæ националон эгзаменты бæрзонд нысæнттæ райстой.
Уæлахиздзаутæ сты , Сау Денджызы æхсæнадæмон университеты студент Мариам Гвалиа æмæ Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты студент Кети Илуридзе.
Уыдон стипендийы хуызæй 300 лари æрвылмæйонæй исдзысты.
«Нæ сабырадон инициативæйы стыр хай нывонд у растдæр ахуырадæн. Ахуырад у уыцы иунæг фæндаг, кæцы нын ратдзæн фадат, басæттæм оккупаци, баххæссæм æнтыстмæ æмæ райдайæм тынг кæнын. Ацы мисси растдæр уыцы æвзонгтæм цæуы лæвæрд, кæцытæ абон цæрынц оккупацион дихгæнæг хаххы, телтæй æмбонды дыууæдæр æрдгæй. Куыд фæсингур, афтæ Ингуры ацы æрдгæй, оккупацигонд Цхинвалы территорийыл, афтæдæр мах цы территори кантрол кæнæм , уымы цæрджытæ æмæ кæцытæн ис мисси, сахуыр уой, стыхджындæр уой æмæ сæрмагонд тыхтæй басæттой оккупаци», – райхъусын кодта Лиа Гигаури.
Димитри Гулиайы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл стипенди бындурæвæрд æрцыд ахуырады министрады æххусыæй.