Оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. президентон æвзæрстытæ цæуынц
Оккупацигонд Цхинвалы регионы цæуы президентон цы хонынц уыйы æвзæрстытæ. Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы марионетон режимы къухдариуæгкæнынæн тох кæнынц фондз кандидаты: нырыккон де-факто лидер Бибылты Анатоли, парти «Ныхасы» лидер Тæсойты Дмитри, депутатæй хуынд Гари Мулдаров æмæ парламентæй хуынд оргæны вице-спикер Плиты Алыксандр.
Оккупацион режим, оккупацигонд Цхинвалы регионы, афтæма Цæгат Ирыстоны, Мæскуы æмæ оккупацигонд Абхазы 76 æвзарæнон фадыг бакодта.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы 32000 æвзæрстæгæнæг у регистрацигонд. Фадгуытæй хуындтæ сыхгæндзысты 20:00 сахатыл.
Сепаратистон режимы контролгонд медийы информацийæ, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы а.х. цæстдарджытæ Уæрæсейæ, Австрийæ, Венесуэлайæ, Сирийæ, Никарагуайæ, Италийæ æмæ Туркæй ныццæудзысты.