Оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитет æвæрццаг æмæ конструктивонæй хоны Давит Кацаравайы æмæ йæ æнæхицауадон организацийы куыст
Оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитет хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад фæстаг периоды куылымпы кæны хæдбар æнæхицауадон организациты куыст, кæцы организацитæ, а.х. арæныл цæугæ процестты фæдыл объективон информаци самал кæнын архайынц.
«Ныры онг Гуырдзыстоны патриотон равгыл уæвæг æнæхицауадон организациты минæвæртты фæрцы, Хуссар ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитет регуляронæй иста объективон информаци арæнгæрон сырæзт уавæры фæдыл», – дзырдæуы сепаратистон режимы фидиуæны.
А.х. æдасдзинады падзахадон комитеты банысан кодтой, цæмæй æнæхицауадон организаци «Дзала Эртобашиа»-ы (тых иудзинады ис) æмæ йæ къухдариуæггæнæг Давит Кацарава æххæст кодтой конструктивон куыст арæны алфамбылай районты уæвæг ситуаци срухс кæныны æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн «Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны» фæдыл æууæнкаг информаци бадæттынæн.
Фидиуæны мидæг афтæдæр дзырдæуы, цæмæй социалон хызаг Фейсбукы Давит Кацарава публикаци скодта видео, кæцыйы мидæг гуырдзиаг интернетфæлхасгæнджытæн «цæстуынгæйæ равдыста бынатыл паддзахадон арæн ауадзыны хахх».
«Видеоисты фæдыл комментарийы рæстæджы Кацарава райхъусын кодта, ома Гуырдзыстоны хицауад зæгъгæ, активистты змæлд арæн кæны æмæ арæны алфамбылæйтты ситуацийы мониторинг кæнын нæ уадзы», – дзырдæуы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитеты фидиуæны.
Дефакто хицауады хъусинагæй, комитет æвæрццаг аргъ кæны гуырдзиаг æнæхицауадон организациты куыст æмæ сæ лидерты активон архæйдтæн.