Оккупацигонд  Цхинвалы  «Ковид-19»-æй   фæрынчынуæвджыты  нымæц  фæфылдæр ис  11-ы онг
Оккупацигонд Цхинвалы «Ковид-19»-æй фæрынчынуæвджыты нымæц фæфылдæр ис 11-ы онг

Оккупацигонд  Цхинвалы  «Ковид-19»-æй   фæрынчынуæвджыты  нымæц  фæфылдæр ис  11-ы онг.  Информацийы   бынæттон   медиа, оккупацигонд Хуссар Ирыстоны  фæлхасгæнджыты  барты  хъъахъхъæнынады  цæстдарæгы   комитеты  сæрдары хæдивæг, Гаглойты Аннайы  куырдиатыл æнцойæ хъусын кæны.

«Æмтгæй  райсгæйæ,   фæрынчынуæвджыты  нымæц у 11.  Уыдонæй иуæй-иу   Цæгат ирыстонæй   хоскæнынмæ æрцæугæ нæлгоймаг у.  Фæрынчынуæвджыты  æхсæн  сты Уæрæсейы  университетты  студенттæ  дæр,  кæцытæ  Хуссар Ирыстонмæ, Уæрæсейæ  ивгъуыд  къуырийы  æрцыдысты», –   фехъусын кодта   Гаглойты  Анна.  Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, фæрынчынуæвджыты æнæниздзинады  уавæр у  стабилон.

Оккупацигонд Цхинвалы регионы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   Уæрæсейæ  Хуссар Ирыстонмæ   160-ы  онг студент ныццыд.  Уыдон иууылдæр ныр сты  карантины.

Оккупацигонд Цхинвалы регионы  коронавирусæй  фæрынчыны  фыццаг æртæ  цау  знон рабæрæг ис.