Оккупацигонд Цхинвалы цæрджыты иргъæфы нысанæй, æртæ бомбæлигъдон саразын хъавынц. Уый фæдыл оккупацион режимы минæвæрттæ райхъусын кодтой.
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. Уæлвæтк Уавæрты министр Цоциты Азæмæт куыд дзуры афтæмæй. Иу бомбæлигъдоны саразын, æртæйæ фондз милуан сомы онг сбаддзæн.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ абон цæрджыты хъахъъхæнады нысанæй, Цхинвалы ис 12 бомбæлигъдоны, фæлæ сæ иунæг дæр нæу æмбæлонæй рæвдз.
Цоциты Азæмæт æрсидтис, а.х. уагдæттæм, кæцыты бæстыхæйтты ис бункертæ, бафснайæт сæ цæмæй хъæугæ цауы, уырдæм гæнæн бауа цæрджыты бауадзын.