Оккупацигонд Цхинвалы а.х. президенты уынаффæйæ, Цхинвалы символон ном уыдзæн «Горæт Сталинир»
Оккупацигонд Цхинвалы ахицæн кодтой горæт Цхинвалы символон номæвæрд уа «Горæт Сталинир».
Уæрæсейы Федерацийы оккупацигонд регионы куыд хъусын кæнынц уымæ гæсгæйæ, а.х. президент Бибылты Анатолий æмбæллон уынаффæ , «Стыр Фыдыбæстæйон Хæсты уæлахиздзинады 75-æм азысæрмæ гæсгæ» райста.
«Горæт Цхинвалы символон номæвæрдæй сбæлвырд кодтой «Горæт Сталинир». Ацы номæй йæ хуыдтой стыр фыдыбæстæйон хæсты сбæрæгбон кæнынæн мадзæлтты рæстæджы. Сæрмагондæй та 9 майы- уæлахизы бон æмæ 22 июны – стæр фыдыбæстæйон хæст райдаыны боны» – дзырдæуы бардзыды.
Бибылты Анатоли бахæс кодта, а.х. министрадтæн æмæ уагдæттæн, фæнысангонд бонты «Историон ном «горæт Сталиниры» популяризацийæн мадзæлттæ спълан кæнын».