Оккупацигонд  Абхазы  коронавирусæй  ноджы иу пациент  амард
Оккупацигонд Абхазы коронавирусæй ноджы иу пациент амард

 

Оккупацигонд  Абхазы  короонавирусæй  ноджы иу пациент  амард.  Оккупацион режимы  хъусинагæй,   74  аздзыд  сылгоймаг,  уæззау  уавæры  Гудаутайы рынчындонмæ  транспортацийы  рæстæджы  амард.   Уымæн «Ковид019» сбæлвырд ис.

Оккупацион  режимы бæрæггæнæнтæй,   оккупацигонд абхазы   коронавирусæй   ацы  афонмæ   фондз адæймаг амард .

Оккупацигонд Абхазы  а.хю   æнæнизхъахъхъæды  министрады  информацийæ,   ивгъуыд æхсæв-боны мидæг,  коронавирусыл басгæрстой  110 адæймагы, «Ковид-19»  сбæлвырд   14  гоймагæн.

Оккупацигонд Абхазы   ац  афонмæ   коронавирусæй  инфицирады  516 цау  у  бæрæг,  уыдонæй   157   сæнæниз сты.

Оккупацион  режимы хъусинагæй,   Гудаутайы   районон рынчындоны   45  пациентæн  хос кæнынц. Авд пациенты  уавæр у  уæззау.

Афтæма сæ инфоромацийæ,   коронавирусæй инфицирады  сеппæтæйфылдæр   цау Сухум æмæ  Сухумы районы   сфиксир ис – 376.  Гудаутайы – 66, Гаграйы районы – 38, Очамчирейы районы – 25, Гульрипшы  районы – фараст, Тъхъварчелы  районы  та  2  цау   рабæрæг ис.