Оккупацигонд Абхазы коронавирусæй инфицирады 20 ног цау фæбæрæг ис, иу пациент та амард
Оккупацигонд Абхазы а.х. æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, ивгъуыд æхсæв-боны мидæг, коронавирус сбæрæг ис 20 адæймагæн.
Оккупацигонд Абхазийы æнæнизхъахъъхæды министрадæй цы хонынц уыдоны информацийæ, зæгъгæ ивгъуыд суткæйы мидæг тестæй басгæрстой 96 адæймагы.
Афтæма сæ информацийæ, 28 сентябры Гудаутайы районон рычнындоны амард 58 аздзыд ковид-фæрынчынуæвæг нæлгоймаг, кæцыйæн клиникæйы хос кодтой 9 сентябры фæстæ. Уæдмæ нæлгоймаг хос кодта хæдзары. Гудаутайы райыонон рынчындоны бæлвырддиагнозæй хуыссы 106 пациент, 14-ы уавæр у уæззау.
Æмтгæй райсгæйæ оккупацигонд Абхазы коронавирусы 1 352 цау у бæрæг, 434 снæниз сты, 10 пациент та амард.