Оккупацигонд Абхазы коронавирусæй инфицирады 16 ног цау рабæрæг ис
Оккупацигонд Абхазы а.х. æнæнизхъахъъæды министрады информацийæ, ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы, коронавирусыл тест сарызтой 150 адæймагæн, уыдонæй «ковид-19» фæбæрæг ис 16 адæймагæн.
Ацы этапыл Гудаутайы районон рынчындоны 61 ковид-фæрынчынуæвæг пациентæн хос кæнынц. Уыдонæй 11 пациенты уавæр у уæззау.
Æдæппæт оккупацигонд Абхазы коронавирусæй инфицирады 656 цау сты бæрæг, сæнæниз сты 186 пациент, амард æхсæз.