Оккупацигонд Абхазы а.х. премьер-министрæй снысан уыдзæн Александр Анкваб
Оккупацигонд Абхазы а.х. премьер-министрæй суыдзæн раздæры «президент» Александр Анкваб. Уый тыххæй, оккупацигонд Абхазы а.х. президент, Аслан Бжаниа, Сухумы лæвæрд пресс-конферецийыл райхъусын кодта. Аслан Бжаниайы дзырдæй, зæгъгæ æндæр кадрон ивдтытæ нырма бæрæг не сты æмæ бадзырдтæ ауадзын хъавы раздæры оппонент, Андгур Ардзинбаимæ.
Пресс-конференцийыл Аслан Бжаниа загъта, цæмæй Абхазы алы сферæйы дæр ис проблемæтæ, сæрмагондæй æнæнизхъахъхъæды, бардахъахъхъæнынады, культурæйы æмæ спорты къабæзты.
Александр Анкваб оккупацигонд Абхазы а.х. президентæй уыд 2011-2014 азты. Оккупацигонд Абхазы а.х. æвзæрстытæ 22 марты ацыдысты. Оккпацион режимы а.х. централон æвзæрстгæнæг комиссийы информацийæ, зæгъгæ Аслан Бжаниа æрымбырд кодта хъæлæсты 56,5 проценты.