Оккупацигонд Абхазмæ ныццыд Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци
Оккупацигонд Абхазмæ Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци ныццыд. Уый фæдыл информаци хъусын кæны быннæттон рауагъдад. Ацы информацимæ гæсгæйæ, оккупацигонд Абхазмæ ныццыдысты Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы Гуырдзыстоны офисы къухдариуæггæнæг Сильвио Доменте, уæлвæтк уавæрты программæйы координатор Раду Коджокару, эксперт Абдубуа Марфов, афтæдæр Гуырдзыстоны ИНО-йы рæзынады программæйы (UNDP) иугæндзон минæвар Луиза Винтон.
Бынæттон медийы хъусинагæй, Луиза Винтон оккупацигонд Абхазы а.х. фæсарæн хъуыддæгты министр, Даур Коевæн бавдыста информаци, цæмæй цы хуызы æххуыс сæм бадавдзысты коронавирусимæ тохы нысанæн.
Бынæттон медийы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци, оккупацигонд Абхазæн коронавирусимæ тохы нысанæн адæтта медицинон ифтонгггæрзтæ.