Оккупацигонд Абхазийы æддаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, цæмæй Украинайы, Уæрæсейы фарс хæцæг оккупацигонд Абхазийæ 70-йæ фылдæр адæймаг фæмард
Оккупацигонд Абхазийы æддаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, цæмæй Украинайы, Уæрæсейы фарс хæцæг оккупацигонд Абхазийæ 70-йæ фылдæр адæймаг фæмард

Украинæйы, Уæрæсейы фарс хæцæг окупиргонд Абхазийæ 70-йæ фылдæр адæймаг фæмард, – уый фæдыл оккупацигонд Абхазийы афтæ хуынæг æддаг хъуыддæгты министрады ног къухдариуæггæнæг, Барциц Олег уырыссаг медиимæ интервьюйы расидтис.

Барцицы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе куы хæцы, уæд Абхаз йæ фарсмæ лæууы ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй, сæрмагонд æфсæддон операциты зонæйы тох кæнынц Абхазæй волонтертæ.

Барциты Олег банысан кодта, зæгъгæ, хæсты зонæйы кусынц волонтертæ, журналисттæ æмæ дохтыртæ, кæцытæ Абхазæй æрцыдысты Абхазæй, æххуыс кæнынц цæфтæн.

Оккупацион режимы минæвар расидтис, цæмæй йæхæдæг дæр гуманитарон миссийыл специалон æфсæддон операцийы зонæйы уыд. Уымæй дарддæр ма Барциц Уæрæсемæ æрцыд 6 июны æмæ фембæлд Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ.