OEСD-ы бæстæты кредитон рискъыты классификацийы Гуырдзыстон рискъы рейтинг иу къæпхæнæй фæхуыздæр кодта
Экономикон æмгуыстады æмæ райрæзты организацийы (OEСD) бæстæты кредитон рискъыты класификацимæ гæсгæйæ, 2024 азы февралæй Гуырдзыстон иу къæпхæнæй фæхуыздæр кодта рискъы рейтинг. Уый фæдыл информацийы финансты министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, фæнысангонд рейтинг саразынц OEСD-ы уæнг бæстæты официалон экспортон кредитон агентадты аргълæвæрды бындурыл æмæ дзы æвдыст цæуы куыд ацы организацийы уæнг, афтæ уæнг чи нæу ахæм бæстæты дæр. Бæстæты рискъы классификацийы нысан у, бæстæйы фидынхъомады рискъытæ сбæрæг кæнын.
“Йæ нысан у экспортон-кредитон организацитæн бæстæйы рискъы аргълæвæрд, кæцыйæ пайда кæнынц кредитон уавæртæ сбæрæг кæнынæн.
Ретингы рæзт, кæнæ та рискъы ф æкъаддæр, Гуырдзыстоны хицæн секторæн райрæзын кæндзæн финансдзинады рæувадатдзинад” – банысангонд у информацийы.