ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы бæрзонд æмвæзады делегаци Гуырдзыстонмæ 8-10 марты фæуазæг уыдзæн
ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы бæрзонд рангы делегаци 8-10 марты Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн.
Уый тыххæй фехъусын кодта ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы пресс-службæ.
ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы информацийæ, делегацийы къухдариуæг кæндзæн ассамблейы президент, Пере Жуан Понс Сампиетро. Делегацийы сконды ма сты: Парламентон Ассамблейы вице-президент æмæ Хуссар Кавказы сæрмагонд минæвар Луис Граса (Португали); Политикон хъуыддæгты æмæ æдасдзинады комитеты сæрдары хæдивæг Евросима Пейович (Черногори); Демократийы, адæймаджы барты æмæ гуманитарон хъуыддæгты фæдыл комитеты вице-сæрдар Кристин Блоуэр (Стыр Британи) æмæ ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы генералон нымæрдар Роберто Монтелла.
Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, визит парламентон ассамблейы уæнгтæн фадат ратдзæн, фæстаг рæстæджы политикон цауты æмæ демократи, æдасдзинад æмæ регионалон стабилондзинадимæ баст фарстаты фæдыл ныхас кæнын æмæ хъуыдытæ баивын гуырдзиаг коллегæтимæ.
«Парламентаритæ политикон архайджыты уæрæх спектр æмæ æмбæстагон æхсæнады минæвæрттимæ фембæлдзысты, цæмæй æруынаффæ кæной ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы Гуырдзыстонимæ фидæны æмкуыстдзинады фæдыл» – ис фыст фидиуæны.