Нывгæнæг, скульптор æмæ архитектор Цъеретелийы Зураб йæ цардæй ахицæн
Гуырдзиаг нывгæнæг, скульптор æмæ архитектор Цъеретели Зураб 91 азы кары йæ цардæй ахицæн.
Информаци бинонты уæнгтæ парахат кæнынц.
Цъеретели 1958 азы каст фæцис Тбилисы паддзахадон аивæдты академийы нывкæнынады факультет.
Зураб Цъеретели у фыццаг гуырдзиаг нывгæнæг, кæцыйы АИШ-ы аивæдты националон æхсæнады сыгъзæрин майдан схорзæхджын кодта.
Райста Гуырдзыстоны паддзахадон преми наукæ æмæ техникæйы фадыджы, стæй гуманитарон зонæдты фадыджы йæ «Уацмыстæ» (5 томæй) æмæ 1997-2001 азты рауагъд «Этнографион альбом»-ы тыххæй. 1996 азы – РСФСР-ы Паддзахадон преми; Францы преми Вербье, Габриэль Мистралы преми (Чили), Аивæдты æмæ литературæйы преми, ЮНЕСКО-йы сыгъзæрин майдан (АИШ), Пабло Пикассойы стыр преми (1994), Сыгъдæг Константины орден (1996), Æмбæстагон сгуыхтдзинæдты орден (Испани) æмæ бирæ æндæртæ.
Цъеретели Зураб Тбилисы кадджын æмбæстаг ссис 2002 азы.