Ныллæггъæд  куыстыты тыхæхй  Тбилисы урæд æрцыд  дыууæ рæвдауæндоны арæзтад
Ныллæггъæд куыстыты тыхæхй Тбилисы урæд æрцыд дыууæ рæвдауæндоны арæзтад

Тбилисы сабидæтты  фæткдар  агентады  къухдариуæггæнæг  Кахабер  Гванцеладзе уыцы дыууæ   арæтадон   проекты  бабæрæг кодта,   кæцыты   æххæст кæны компани «Гико».

Фæнысангонд арæзтадтæ, Тбилисы меры Каха Каладзейы  скуыддзагæй,  экспертон   хатдзæгы æрцæттæы размæ рæстæгмæ урæд æрцыдысты.   Фæнысангонд  скуыдлдзагы   аххос  сты  уыцы  сахъаттæ,  кæцыты   мерийы аудиты  куыст  ацы компанийы  амад  №33- рæвдауæндоны  рабæрæг кодта.

Зугдиды  уынгы №3  æмæ Нуцубидзейы  цыппæрæм   микро-районты  ног рæвдауæндæтты  амайы компани «Гико».  Кахабер Гванцеладзе  дыууæдæр арæзтады, Тбилисы  мерийы  лабораторийы  эксперттимæ иумæ  басгæрста.