Ногазон галаконцерт Фыццаг Республикæйы фæзыл 00:00 сахатæй райдайдзæн
Ногазон галаконцерт Фыццаг Республикæйы фæзыл 00:00 сахатæй райдайдзæн

Ног 2024 азыл,  Тбилис, Фыццаг Республикæйы фæзыл,  ногазон   галаконцертимæ сæмбæлдзæн.

Тбилисы мэриайы информацийæ, дыууæсахатон   фендтаг, номхуындæй  «Европаг горæтæй Европæмæ» кæсджытæн, гуырдзиаг зарæггæнджытæ, къордтæ, ансамбльтæ æмæ кафджытæ  нацоналон симфонион оркестримæ æмæ маэстро  Николоз Рачъвелиимæ иумæ,  раст 00:00  сахатæй  банхъардзысты.

«Галаконцертыл  айзæлдзысты алкæмæн  дзæбæх зонгæ  æмæ уарзон  гуырдзиаг зарджыты  ног верситæ  æмæ æндæр фæсарæйнаг   хиттæ, сæ нымæцы  дыууæ  номдзыд цыппурсон   зарæг  гуырдзиаг текстимæ.

Æмтгæй райсгæйæ   программæмæ цæуы  30  музыкалон номыр.  Мадзалыл кæсджыты раз  200-йæ фылдæр   æххæстгæнæг   рацæудзæн»  банысангонд у  Тбилисы мэриайы  пресскуысты  информацийы.