Ног фракциты саразыны фæдыл скуыддзаг, гæнæн ис абоны бюройы рабадтыл райсой
Парламенты юридикъон фарстыты комитеты сæрдар Эка Беселиа нæ цух кæны уый, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллиццы» мидæг ног фракциты саразынмæ гæсгæ, кæронбæттæн скуыддзаг бюройы абоны рабадтыл райсой. Беселиайы ныхæстæм гæсгæ, нырмæ ма баззад организацион фарстыты аскуыддзаг кæнын зæгъгæ.
«Фракциты саразыны фæдыл скуыддзаг алы æмвæзадыл æрцыд ист. Мæнмæ уæвæг информацийæ, баззад ма конкретон адæймæгтæ, кæцытæ фракцитæм хъуамæ уыдаиккой бавдыст. Афтæдæр организацион фарстытæ, кæцытæ баст сты официалонæй регистрацийы процедурæимæ æмæ комитетон процедурæтæм, уый нымæцы регламентмæ гæсгæ» расидтис Эка Беселиа.
Цалдæр боны размæ бæрæг ссис, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллиццы» æфтауцæй фæзындзæн дыууæ ног фракцийы.