Тбилисы мерий абон плангонд мадзæлтты тыххæй информацийы хæлиу кæны
Тбилисы мерий, сæйраг сахары масштабæй плангонд мадзæлтты фæдыл дæр публикаци кæны информацийы. Уагдоны информацийæ сæйраг сахар ног, 2018 азыл хъауджыдæргонд æмæ бирæгъуызон мадзæлттимæ амбæлдзæн.
Тбилисы мерийы информацийæ, 31 декабры æнæхъæн бон æндæр æмæ æндæр мадзал у плангонд.
Боны кæрон, 23:00 сахатæй, ногазон гала-концерт æртæ локацийыл – Глданийы («Сити молл Глданийы» автолæууæныл), Зæронд Тбилисы (Европæйы фæз) æмæ Варкетилы (Варкетили III, Медиактекæйы цур скъвер) сырæздзæн» – хъусын кæнынц мерийы.
11:00 -17:00 сахат – Вело Сантатæ (Кърцъанисы район)
12:00-00:00 сахат – Цыппурсон армукъæ, æхсæны зонæ (Дедаенайы паркъ)
12:00 – 18:00 сахат – Сабион ивхæрсæн программæтæ – Дедаенайы паркъ
12:00 – 19:00 сахат – Æддæ кинотеатр – Дедаенайы паркъ
12:00 -19:00 сахат – Хæдтулгæты паркъ – Дедаенайы паркъ
12:00 -19:00 сахат – æрмадз/воркшоптæ – Дедаенайы паркъ
12:00 – 20:00 сахат – Ногазон спортивон мадзæлттæ – Дедаенайы паркъ
15:00-21:00 сахат – New Comers – «Ног Тпилис»
23:00 сахат – гала-концерт – Глдани, Зæронд Тбилис, Варкетили
Сæйраг сахары мерийы информацийæ, 31 декабры, Тбилисы метрополитены, автобусты æмæ рæтæн фæндаг Рихъе-Нарихъалайы, лæккад æмбæстæгтæн уыдзæн æнæаргъ. Ног Азы æхсæв метрополитен æмæ автобустæ, 23:00 сахатæй фыццаг январы 04:00 сахаты онг кусдзысты, æрмæст рæтæн фæндаг -03:00 сахаты онг.