Ноджы иу уæрæсейаг авиацион æхст Киевы облæсты, иу адæймаг фæмард, мингай бинонтæ æнæ хъармгæнæнæй баззадысты
Æхсæвыгон Уæрæсейы æрдыгæй Украинæмæ радон авиацион æхсты фæстиуæгæн 50 аздзыд нæлгоймаг фæмард.
Зианы тыххæй фехъусын кодта Киевы æфсæддон администраци.
Бахъыгдард сты дыууæ артаджы станцæйы. Киевы мэр Виталий Кличко куыд фехъусын кодта афтæмæй, æхсæз мин хæдзары баззад æнæ хъармгæнæнæй. Уый загъта, сæйраг проблемæ кæй уыд хъармгæнæн Уæрæсейы 9 январы бабырсты фæстæ, æмæ цалцæггæнæн куыстытæ нырма цæуынц.
Уæрæсейы æрбабырсты фæстиуæг Одессæйы бирæуæладзыгон бæстыхай æмæ энергетикон объекттæ дæр бахъыгдард сты.