Ноджы иу проект æххæстгонд æрцæудзæн Самгорийы районы цæрæнуæтты ивæн программæйы фæлгæтты
Къæлæддзаг цæрæн хæдзæртты раивыны программæйы фæлгæтты, Самгорийы районы, Варкетилийы , Шуамтайы уынджы 40-æм А-йы ноджы иу проект сæххæст уыдзæн.
Тбилисы мэр Каха Къаладзе абон сæйраг сахары хицауады рабадтыл куыд расидтис афтæмæй, аварион бæстыхайы ныртæккæ 55 бинонтæ цæры, кæцы демонтаж æрцæудзæн æмæ муниципалитет рæстæгмæ арендæ дæтты.
“Архитектурон проектмæ гæсгæ, ног арæзт цæрæн бæстыхайы уыдзæн 22 лæууæн бынаты, дыууæ коммерцион фæзуаты, æмæ 129 цæрæн фатеры, уыдонæй 55 фатеры, цалцæггонд æмæ æрæвæрд, лæвæрд æрцæудзысты кæлæддзаг бæстыхæйтты цæрæг бинонтæн”, — загъта Каха Къаладзе, афтæ дæр хицауады рабадтыл визуалон æрмæг бавдыста цахæм уыдзæн ног цæрæн бæстыхай.