Нобелы премий литературæйы фадыгы лæвæрд æрцыд Олга Токарчукмæ æмæ Питер Хандкемæ

Нобелы премий литературæйы фадыгы  лæвæрд æрцыд  Польшайаг  автормæ Олга Токарчукмæ  æмæ  австриаг  фыссæг  Питер  Хандкемæ.  Уый фæдыл  хъусын кæны «ВВС».

Бæрæг куыд у  афтæмæй,  Питер   Хандке  литературæйы  фадыгы   Нобелы  премий  райста ахадæг  фæлдисонды тыххæй.  Автор   адæймагон фæлтæрддзинады  специфика  æмæ  периферитæ  раиртасыд.  Уый фæстиуæгæн,  уый  2019  азы  Нобелы премийы  бардарæг ссис.

2017 азы  литературæйы  фадыгы  Нобелы премий райста  бритайнаг  фыссæг,  Кадзуо  Ишигуро. 2016 азы  та  престижон  премий  раттой   музыкант  Боб Диланæн.

Банысан кæнын хъæуы,   цæмæй  Нобелы  премийы историйы  литературæйы фадыгы  престижон премий æрмæст 14  сылгоймаг  фыссæгмæ æрцыд лæвæрд.

Ольга Токарчук  æмæ Питер Хандке  2018   æмæ  2019 азты   лауреаттæ  сты.  Бæрæг куыд у  афтæмæй,   ивгъуыд азы  райдайгæ  скандалы  тыххæй,   Швецийы   Академи литературæйы фадыгы  Нобелы   премийы   лауреаттæ нæ  бавдыста.   Академийы уæнгы мкъайы æстдæс сылгоймаг  сексуалон равгы  бакъуындæг кæныны куы фæаххосджын кодта.