«Ньюсвик» - Джо Байден æвзарæнон кампанийæ кæй фæхицæн ис уый фæстæ уагъд рафарстмæ гæсгæйæ, Камала Харрисæн Дональд Трампæй къаддæр хъæлæстæ ис
Джо Байден æвзарæнон кампанийæ кæй фæхицæн ис уый фæстæ уагъд рафарстмæ гæсгæйæ, Камала Харрисæн Дональд Трампæй къаддæр хъæлæстæ ис. Уый фæдыл информаци «Ньюсвик» хъусын кæны.
Рауагъдадмæ гæсгæйæ, Байдены фидиуæны фæстæ, «Он Поинт Политиксы» æмæ «Сошал Рисерчы» социологион интасæнæй фæбæрæг ис, цæмæй æвзæрстгæнджыты 51 процент Дональд Трампæн хæцынц йæ фарс, кандидатæй бавдисыны цауы та Камала Харрисæн 43 процент рахæцдзысты йæ фарс, зæгъгæ æвзæрстытæ абон цæуынц уæд.
Рафарст æвзæрстгæнджыты æхсæз процент та уынаффæ нырма нæ рахаста.