«Нью Хоспиталы» дохтыр – Руставелийы проспектыл акцийы рæстæджы цæф журналисттæй сæ иуæн бахъуыд хирургион æххуыс
Руставелийы проспектыл цæугæ акцийы рæстæджы цæф журналисттæй сæ иуæн бахъуыд хирургион процедурæтæ, – уый фæдыл «Нью Хоспиталы» æнæаргъæвгæ æххуысы хайады къухдариуæггæнæг Михеил Бериашвили райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ акцийы ранæй цыппар гоймагы фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Дохтыры дзырдæй зæгъгæ алкæй уавæр стабилон у.
«Акцийы ранæй цыппар уæнгты æрбакодтой, уыдонæй сæ иуæн бахъуыд офтальмологы консультаци, баххуыс йын кодтой æмæ йæ нырид клиникæйæ рафыстам.
Сæ иуæн уыд сæры травмæ, фындзы стæг йын у саст, æмæ йын цæуы арызт опреаци. Иннæ æртæ пациенты нырма сгарынц», – райхъусын кодта дохтыр.
Бакой уын кæндзыстæм, «Тбилиси прайды» ныхмæлæуджыты акцийыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвили фæцæф ис. Акцийы афтæдæр зиæнттæ райстой æндæр медиафæрæзты минæвæрттæ. Зианбавзарджыты фæхæццæ кодтой «Нью Хоспиталы» клиникæмæ.
Ацытæккæ клиникæйы сты Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили æмæ ног æмæ цæугæ хабæртты блокы директор Гиорги Гвимрадзе.