«Нью Йорк Таймс»  оккупацион режимы ахст  дохтыры Важа Гаприндашвилийы  фæдыл фыссы
«Нью Йорк Таймс» оккупацион режимы ахст дохтыры Важа Гаприндашвилийы фæдыл фыссы

Гуырдзыстон  домы сепаратситтæ  цы  дохтыры æрцахстой  уый  ссæрибар кæнын, –  уый  фæдыл   «Нью Йорк Таймс»   фыссы. Америкаг рауагъдадмæ гæсгæйæ,   дохтыр Важа  Гаприндашвилийы   сепаратистон Хуссар Ирыстоны   æрцахстой,  кæцыйы   2008 азы  фæстæ   контрол кæны  Уæрæсе.

«Нью Йорк Таймс»-мæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны ортопедистты æмæ травматологты  ассоциацийы  президент Важа  Гаприндашвилийы   сепаратисттæ Цхинвалмæ аластой, дыууæмæййон развæлгъау  ахст стæрхон кодтой æмæ   бæлвырд кæнынц, цæмæй  уый  арæныл æнæзакъононæй  ахызтис.

Америкаг  рауагъдад  фыссы,  цæмæй   хъæуы  бынæттон цæрджыты ахæм æфсонæй арæх  ахсынц, фæлæ   дохтыр   бирæ номдзыддæр гоймаг у,  кæцыйы коллегæтæ   хъусын кæнынц, цæмæй    дохтыр   пациентмæ  бацæуын архайдта. «Нью Йорк Таймс»   æвдисæнæн æрхаста  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæн, кæцыйы  мидæг дзырдæуы цæмæй  Гуырдзыстон  æхсæнадæмон  дзыллæйы  мобилизаци кæнын  æмæ  тыхархайдыл нæ  ауæрды, цæмæй   дохтыр  йæ  бинонтæм афоныл  æмæ  æдасæй   æрыздæха.

Рауагъдад  афтæдæр банысан кодта, цæмæй   Важа Гаприндашвилийы  æнæаргъæвгæйæ   ссæрибар кæнын  æмæ администрацион   арæйнон   хаххыл   ауадзæн   пунктыты байгом  кæнын АИШ-æ  дæр æрдомтта.  «Нью Йорк Таймс»    фыссы  цæмæй  2008  азы   Уæрæсе  Гуырдзыстонæн   хæст рамбылдта,  кæцыйы фæстæ   Гуырдзыстоны сепаратистон регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны   хæдбардзинад  банымадта  æмæ  уым  йæ  æфсад æрлæууын кодта.  Рауагъдадмæ гæсгæйæ,   уырыссæгтæ  æмæ  Хуссар Ирыстон 2015  азы  æдасдзинады тыхты  æмæ   æфсæддон интеграцийы   бадзырд бафыстой, кæцы  мæты  æфтауы Гуырдзыстоны, уымæн æмæ  Гуырдзыстонæн   дыууæдæр регион  фæсарæйнаг тыхтæй  оккупацигонд сты.

Гуырдызстоны  æмбæстаг, Тбилисы цæрæг дохтыр Важа Гаприндашвилийы  оккупацигонд Орчъосанмæ хæстæг, цалдæр боны размæ  æрцахстой. Дохтыры  ныхмæ   де-факто режим    тугтæрхоны  барады  хъуыддаг рахаста  рæгъмæ. Цхинвалы   оккупацион режим  дохтыр Важа Гаприндашвилийæн дыууæмæййон развæлгъау  ахст стæрхон  кодта.