Нэд Прайс - Курæг стæм Гуырдзыстонæй, равдисæт иузæрдыгдзинад Евроцæдисмæ интеграцимæ уыцы реформæтæ ауадзынæй, кæцы æнæмæнгхъæугæ у размæцыдæн
Мах фæстæмæ удцырын стæм, бакусæм Гуырдзыстонимæ реформæтæ сыххæст кæнынæн, кæцы хъæуы евроатлантикон нысæнттæм баххæссынæн, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Нэд Прайс райхъусын кодта.
Нэд Прайсы бафарстой Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары, Келли Дегнаны тыххæй фидиуæнты æмæ афтæдæр уыцы фидиуæнты фæдыл, кæцытæм гæсгæ АИШ-æ архайы Гуырдзыстоны хастмæ бафтауын.
«Равдыстæм нæ мæстыдзинад хицауады иуæй-иу архæйдты тыххæй. Хицауады архæйдтæ, уый нымæцы нысаниуæгджын демократон реформæты баурæд кæнæ фæстæдзыд, сæвзæрын кодта .ахæм уавæр. Уыдон сæвзæрын кодтой аиртæст Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл гуырдзиаг адæмы дырыс, æнæуромгæ тырнынады æмæ бирæ уæрæхдæр евроатлантикон тырнынадмæ. Ацы архæйдтыты тыххæй мæтыæфтыд стæм уымæн æмæ уыдон афтæдæр фæарфдæр кодтой Гуырдзыстоны дзылллæйы поляризаци, евроатлантикон интеграцийы сæйраг фарстаты алыварс баиу кæныны бæсты. Ис поляризацийы ахæм æмвæзад, кæцы нæу бæстæйæн пайдаджын. Уый нæу пайдаджын Гуырдзыстоны уæрæх политикон тырнынадтæн. Уый æппæты фæстæ, мах удцырын стæм, кусæм Гуырдзыстонимæ реформæт сыххæст кæнынæн, кæцы хъæуы евроатлантикон нысæнттæм баххæссынæн. Курæг стæм Гуырдзыстонæй, равдисæт йæ иузæрдыгдзинад Евроцæдисмæ интеграцимæ уыцы реформæтæ ауадзынæй, кæцы æнæмæнгхæъугæ у ацы фæндагыл размæцыдæн», – райхъусын кодта Нэд Прайс.
Фарстыл, «Хъуыды кæнут æви нæ, цæмæй Гуырдзыстоны уæвæг уавæр политиконæй йæ бын къахы АИШ-ы интерестæн регионы» Нэд Прайс банысан кодта, цæмæй иуæй-иу риторикæ гуырдзиаг адæмы интересты ныхмæ кусы.
«Хъуыды кæнæм, цæмæй иуæй-иу архайд, хицæн риторикæ гуырдзиаг адæмы интересты ныхмæ кусы. Уый у сеппæтæй фылдæр нæ катайы цы бафтауы, хъуыддаг Гуырдзыстоны æмæ йæ æвзæрст фæндагмæ куы æххæссы, кæцы евроатлантикон интеграцийы æмæ Евроцæдисмæ тырнынад дары йæ хъуыдйы. Фæнды нæ фенæм Гуырдзыстоны размæцыд ацы фæндагыл. Цæттæ стæм адарддæр кæнæм гукырдиаг адæмы, гуырдзиаг дзыллæйы æмæ Гуырдзыстоны хицауады партнертæ уыцы рæстæджы, уыдон уый куы архайынц уæд», – райхъусын кодта Нэд Прайс.