Нэд Прайс - адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстонимæ партнерад йæ тырнынадты æмæ амбициты æрдгæй
Нæ хъуыдымæ гæсгæ, НАТО-ы гом дуары политикæ хъуамæ уа ахæм, дуар гом хъуамæ уа уыцы бæстæтæн, кæцытæ альянсы уæнгсуæвынмæ тырнынц. Афтæма райхъусын кодтам, цæмæй æддаг тыхæн йæ бон ма хъуамæ уа æмæ ма хъуамæ сæвæра вето фæнысангонд процессыл – уый фæдыл АИШ-ы падзахадон департаменты пресс-спикер Нэд Прайс райхъусын кодта брифингы рæстæджы.
Уый сдзуапп кодта Гуырдзыстоны цæгат-атлантикон интеграцийы перспективæйы фæдыл журналисты фарстæн.
Прайс куыд банысан кодта афтæмæй, аспирант бæстæ хъуамæ сыххæст кæна конкретон домæнтæ, уæнгсуæвыны фæдыл уынаффæ та рахæсдзæн альянс. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон нырид у НАТО-йы нысаниуæгджын партнер.
Паддзахадон департаменты пресс-спикер афтæдæр банысан кодта, цæмæй АИШ адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонимæ партнерад йæ тырнынадты æмæ амбициты æрдгæй.
«Гуырдзыстоон нырид у НАТО-ы нысаниуæгджын партнер. Ис нын æнгом консультацитæ Гуырдзыстонимæ.
Фæдфæдонæй æххуыс кæнæм Гуырдзыстон æмæ гуырдзыйаг адæмæн сæ фæндоны, уой сæрибар æмæ суверенон паддзахад. Азты дæргъы, стынг кодтам стратегион партнерад нæ бæстæты æхсæн. Иумæ кусæм нæ иумæйаг цæстæнгасыл, цæмæй Гуырдзыстон æххæстæй интеграцигонд уа евроатлантикон бинонты. Ай у уыцы цæстæнгас, кæцыйыл хæъуы бирæ кусын, быхсын, нысаниуæгджын ресурстæ. Уый тыххæй дæр, рауæлдай кодтам æхсæз миллиард доллар Гуырдзыстонæн æххуысы хуызæй. Бацæттæ кодтам 20 000-ы онг гуырдзиаг æфсæддоны. АИШ-æм бавиды культурон æмæ æндæр хуызы программæтæй, æрцыд æхсæз мин адæймаг. Баххуыс кодтам Гуырдзыстонæн экономикон рæзынады, закъоны сæйрагдзинады æмæ демократон хицаудзинад стынг кæныны æрдгæй. Уый ма афтæдæр æххæссы бир æндæр инициативæмæ, кæцы нысаниуæгджын у гуырдзыйаг адæмæн. Адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстониммæ партнерад сæ тырнынадты æмæ амбициты æрдгæй æмæ цы æнтыстмæ баххæссыдысты уый та бахъахъхъæндзыстæм», – райхъусын кодта Нэд Прайс.