Низты контролы национ центр - COVID-19-æй фæрынчынуæвджыты 17 %-мæ, PCR тестæй басгæрсты моменты, симптомтæ нæ уыд
COVID-19-ы бæлвырд цауты зæгъæн ис 17%-ы, низ, тестæй басгæрсты моменты, æнæсимптомæй цыд. Уый фæдыл дзырдæуы низты контроды æмæ æхсæнадон æнæниздзинады национ центры анализы мидæг – «Гуырдзыстоны ног коронавирусы цыд».
Иртасæн фыццаг бæлвырд цау фæбæрæгæй – 16 февралæй 11 майы онг периодмæ хауы.
Документы автортæ æмбарын кæнынц цæмæй асимптомон у COVID-19-ы лабораторионæй бæлвырд цау, кæцы нæ хицæн кæны искæцы симптомæй. Фæнысангонд 83 цауы æнæсимптомтæй уыд PCR тестæй басгæрсты бон, фæлæ низы цыдимæ иумæ, гæнæн ис, фæстæдæр рабæрæг сæм уыдаит бæрæг симптомтæ. Тестæй кæй абсгæрстой уыцы æмбæстæгты æмтæгйон нымæцæй бæлвырд цаутæ 2% бæрц сты.
Хыгъдлæвæрды мидæг афтæдæр дзырдæуы, ома 11 майы уавæрæй фæйнæ 100 000 цæрæгы æхсæн 16.9 фæрынчынуæвæг фæбæрæг ис.
COVID-19 ног цауты бæрæггæнæн 100 000 цæрæгыл, экспозицийы бынатмæ гæсгæ, сеппæтæй бæрзонддæр у Квемо Картлийы регионы, сегасдæр ныллæг – Мидæг Картлийы æмæ Имереты. Тбилисы, Ачъарайы æмæ Рачъа-Лечхумы регионтæ æхсæйнаг позицитæ ахсынц.
Æнæнизхъахъхъæды сферæйы минæвæртты тыххæй кууы зæгъæм, уæд документмæ гæсгæ, дуненйы, æндæр æмæ æндæр ратæдзæнмæ гæсгæйæ, æнæнизхъахъхъæды сферæйы минæвæртты фæрынчыны арæхад 5%-æй 20%-ы онг у.
Гуырдзыстоны та æнæнизхъахъхъæды сферæйы минæвæртты COVID-19-æй фæрынчын, фæбæрæг ис бæлвырд цауты 13%-ы.
Низты контролы центры хыгъдлæвæрды афтæдæр бавдыст у коронавирусы симптомты райуæрст арæхадмæ гæсгæйæ. Документмæ гæсгæ, сегасдæр арæх фæбæрæг вæййы тæвд (82.4%), лæмæгъдзинад (49.6%), хуыфæг (38.3%) хъуырты рыст(25,9%) æмæ сæрниз )22.5%).